ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сбæрæг сты Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ. Паддзахадон драмон театры ацæуæг цытджын æмбырды сæ схорзæхджын кодта æмæ сын арфæйы ныхæстæ загъта президент Гаглойты Алан.
Преми лæвæрдтой фондз номинацийы.
Историон зонæдты номинацийы уæлахиздзау сси Цыбырты Людвиг æртæтомон куыст "Энциклопедия осетинской Нартиады"-йы тыххæй.
Ирон литературæйы номинацийы преми райста Плиты Серго йе `мдзæвгæты æмбырдгæндты тыххæй. Балæвæрдта æртæ чиныджы: "Зарæджы зæлтæ", "Уды рыстытæ" æмæ "Фыдæлты хъæлæс".
Ирон филологийы номинацийы рамбылдта Тыбылты Иналы куыст "Генезис и эволюция малой эпической формы в осетинской литературе конца XIX – начала XX веков".
Аивады номинацийы преми саккаг кодтой Саухолты Георгийæн йæ уацмыс "1989 –2008 азты Фыдыбæстæйы хæсты ирон адæмы Уæлахизы кадæн триумфалон аркæ"-йы тыххæй æмæ Æлборты Ирбегæн, Хæтæгкаты Къостайы уацмыстæм æмæ Нарты Кадджытæм цы иллюстрацитæ скодта, уыдоны тыххæй.
Публицистикæйы номинацийы преми лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты телеуынынад "ЮОГУ ТВ"-йæн æмæ æхсæнадон-политикон газет "Хурзæрин"-æн.