Владимир Путин ӕрсидт сӕххӕст кӕнын Уӕрӕсейы интерестӕ ӕдасдзинады къабазы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын йӕ интерестӕ бахъахъхъӕныны фарст ӕдасдзинады къабазы дӕргъвӕтин периодмӕ, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин БРИКС-ы бӕстӕты Дзыллон-информацион фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
"Мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм нӕ бӕстӕйы интерестӕ бахъахъхъӕныны фарст ӕдасдзинады къабазы дӕргъвӕтин периодмӕ", - загъта Путин фембӕлды рӕстӕджы.
Владимир Путин майрӕмбоны ауагъта фембӕлд БРИКС-ы бӕстӕты раздзог Дзыллон-информацион фӕрӕзты разамонджытимӕ. Уӕрӕсейы минӕвар ацы мадзалы фӕлгӕтты уыд медиакъорд "Россия сегодня"-йы генералон директор Дмитрий Кисилев.