Хуссар Иры теннисисттæ бацахстой æртыккаг бынат турниры Нальчикы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсменты командæ бацахста æртыккаг бынат уæлыстъол теннисæй турнир "Шаг в будущее – СКФО"-йы Нальчикы, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Ирон командæйы сконды уыдысты Майя Касрадзе, Къуылыхты Зæринæ, Лалыты Аза, Бæрукъаты Тамара (РЦИ-Алани) æмæ Балдан Дашиев. Хисæрмагонд ерысты фыццаг бынатыл ацыд Майя Касрадзе, дыккагыл та – Къуылыхты Зæринæ.
Турниры хайад истой Ставрополы край, Кæсæг-Балхъар, Дагестан, Цæгат Ирыстон, Краснодары край æмæ æндæр регионты командæтæ.
"Нæ спортсментæ турнирæй турнирмæ уæлдæр кæнынц се ‘мвæзад. Иннæ хатт турнир цæудзæн Кæсæг-Балхъары Республикæйы æмæ йæм хъæудзæн бæстон бацæттæ кæнынц", - банысан кодта теннисистты тренер Джиоты Мириан.
Спортсменты тренертæ сты Уалыты Ирина, Остъаты Лидия, Наталья Павлова (РЦИ-Алани) æмæ Джиоты Мириан.