Цхинвалы ацыд Гӕбӕраты Сосланы номарӕн турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik. Цхинвалы ацыд Орден "Уацамонгӕ"-йы кавалер Гӕбӕраты Сосланы номарӕн турнир, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Ерысты хайад райстой 220 ӕвзонг хъӕбысӕйхӕцӕджы бӕрц, сӕ нымӕцы Цӕгат Ирыстоны спортсментӕ дӕр.
Турниры хайад райстой 2011-2012 ӕмӕ 2013-2014 азты гуырд спортсментӕ.
Гӕбӕраты Сослан уыд Хуссар Ирыстоны бахъахъхъӕныны фӕдыл хӕстон архӕйдтыты хайадисӕг, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ветеран, афтӕ ма активон хайад иста интернационалон ӕфсӕддон хӕс ӕххӕст кӕныны Абхаз ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.