Хъорнисы хъӕуы цӕрджытӕ сӕхӕдӕг ахуыссын кодтой арт зынгфӕдисонты ӕрцыдмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik. Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы цӕрджытӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары зынгфӕдисонты ӕрцыдмӕ, фехъусын кодта республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, хӕдзарӕн кӕй басыгъд йӕ хай.
"Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Зынгфӕдисонты ӕрцыдмӕ хъӕуы цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй аиуварс кодтой зынгсирвӕзт", - фехъусын кодтой министрады.
Уагдоны специалисттӕ бӕрӕг кӕнынц зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ, афтӕ ма бузныг загътой хъӕуы цӕрджытӕн арт ахуыссын кӕныны тыххӕй.