Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы фæмардуæвæг Пæррæстаты Аланæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы дыццæджы фæстаг хæрзбон загътой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) фæмардуæвæг хæстон Пæррæстаты Аланæн.
Пæррæстаты Аланыл цыд 45 азы. Уый фæмард рынчындоны, цы ранмæ йæ бакодтой уæззау цæфимæ.
Хæстон бархионæй ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ.
Фыдохы церемонимæ æрбацыд республикæйы къухдариуæгад, премьер-министр Джуссойты Константин, тыхон структурæты разамонджытæ, хæстоны хиуæттæ æмæ горæты цæрджытæ.
Республикæйы президент Гаглойты Аланы барамындæй Пæррæстаты Аланæн мæлæты фæстæ радтой майдан "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæгæн".