Хуссар Иры ссардтой æмæ радтой сæ хицæуттæн Уæрæсейы адавгæ хæдтулгæтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ссардтой æмæ радтой сæ хицæуттæн Уæрæсейы адавгæ дыууæ хæдтулгæйы, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Лада-Гранта" æмæ "Лада-Приора" хæдтулгæтæ æрурæдтой Цхинвалы территорийыл æмæ сæ арвыстой экспертизæмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-координацион центрмæ экспертизæмæ.
"Эксперттæ сбæлвырд кодтой хæдтулгæты VIN-кодтæ æмæ сæ хицæутты. Бæрæггонд æрцыд, ацы хæдтулгæтæн цалдæр хатт кæй раивтой сæ хицæутты Хуссар Ирыстоны территорийыл. Транспортон фæрæзтæ адавыны фæдыл бакондæуыд уголовон хъуыддаг", - радзырдтой министрады.
Уагдоны æрсидтысты республикæйы цæрджытæм, цæмæй ма æлхæной автотранспорт æнæ юридикон гарантитæй.