Цӕгат Ирӕй бинонтӕ рамбылдтой Ӕппӕтуӕрӕсейаг конкурс "Азы бинонтӕ"-йы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Мӕрзойты бинонтӕ Цӕгат Ирыстонӕй райстой хорзӕх Ӕппӕтуӕрӕсейаг конкурс "Азы бинонтӕ"-йы уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны церемонийы рӕстӕджы, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Мӕрзойты Самсон ӕмӕ Ирина Чернега ӕмӕ сӕ авд сывӕллоны рамбылдтой номинаци "Бирӕсывӕллонджын бинонтӕ"-йы. Уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны церемони ацыд Паддзахадон Кремлы галуаны 18 октябры", - ныффыста Меняйло йӕ telegram-каналы.
Конкурсы хайад райстой 400 бинонты бӕрц Уӕрӕсейы алыгъуызон регионтӕй.
Сергей Меняйло бафтыдта, зӕгъгӕ, зӕрдиагӕй базонгӕ уыдзӕн Мӕрзойты бинонтимӕ – уый сӕ фӕхуыдта йӕхимӕ фембӕлдмӕ.
Цӕгат Ирӕй бинонтӕ рамбылдтой Ӕппӕтуӕрӕсейаг конкурс "Азы бинонтӕ"-йы