Хуссар Иры медицинон уагдæттæ 80% бæрц цæттæ сты хъармгæнæн сезонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады уагдæттæ 80 проценты бæрц цæттæ сты хъармгæнæн сезонмæ, фехъусын кодтой республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.
Министрады банысан кодтой, уагдæтты кæй ауагътой фæззыгон-зымæгон периодмæ цæттæгæнæн куыстыты комплекс. Фæлæ цæттæгæнæн процессы рæстæджы бæрæг æрцыдысты бирæнымæц проблемæтæ хъармгæнæн ифтонаггарзимæ.
Министрады сæргълæууæг Джыгкайты Томас фидарæй загъта, æппæт æнæмæнгхъæугæ куыстытæ кæй сæххæст кæндзысты æххæст бæрцæй