Хуссар Иры Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты объекттӕй авд ратдзысты эксплуатацимӕ азы кӕронмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 окт – Sputnik. Хуссар Иры Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты егъау объекттӕй авд ратдзысты эксплуатацимӕ азы кӕронмӕ, радзырдта Sputnik-ӕн республикӕйы арӕзтады министрады пресс-секретарь Хуыгаты Юнона.
"Ацы аз фӕуд кӕны арӕзтад ахӕм объекттыл: Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ерцъо-Синагуры автомобилон фӕндаг, сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом", Зӕронд хид Цхинвалы 13 Коммунары уынгыл. Куыстытӕ ныридӕгӕн фесты 18-фатерон бирӕуӕладзыгон хӕдзары Знауыры поселочы. Афтӕ ма азы кӕронмӕ эксплуатацимӕ ратдзысты Хъорнисы хъӕуы хид, сабидон микрорайон ЦАРЗ-ы ӕмӕ доны хӕтӕл Цхинвал-Цъунар", - загъта Хуыгаты Юнона.
Уымӕй дарддӕр Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты фӕуд кӕнынц куыстытӕ республикӕйы столицӕйы фараст уынгыл ӕмӕ дыууӕ алвӕндагыл.