ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин БРИКС-ы саммиты пленарон рабадтыл банысан кодта, глобалонэкономикон рӕзты ног гуырӕн фӕзынд дунейы фылдӕр хайы бӕстӕты, хъусын кӕны РИА Новости.
"Ахсджиаг у аразын альтернативон, фидар ӕмӕ бирæварсыг финансон механизмты диктатæй сæрибар бастдзинæдтæ, афтæ ма рауæрæх кæнын ног æхсæнадæмон транспортон къæлидорты фадæттæ", - хъусын кæны агентад Путины ныхæстæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, платформæйы нысан у фæфылдæр кæнын инвестицион гуылфæнтæ БРИКС-ы, Глобалон Хуссар æмæ Скæсæны бæстæтæм.