Дзауы районы ацыдысты рейдтӕ фӕсарӕйнӕгты цӕрыны бынӕтты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы мидхъуыддӕгты фӕткдаруаты кусджытӕ ауагътой рейдтӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты цӕрыны бынӕтты. Дзауы поселочы басгӕрстыты фӕстиуӕгӕн сбӕрӕг кодтой миграцион закъонады цыппар фехӕлды.
Афтӕ ма миграцийы фарстыты фӕдыл фӕткдаруаты инспектортӕ ауагътой рейдтӕ Цхинвалы дӕр ӕмӕ басгӕрстой 11 хӕдзары.
"Басгӕрстыты рӕстӕджы бӕрӕг ӕрцыд миграцион закъонады ӕртӕ фехӕлды", - дзырдӕуы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хъусинаджы.
Фӕткхалджыты фӕдыл ӕппӕт ӕрмӕджытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмӕ йӕ скъуыддзагӕй ӕрцыдысты ивар.