ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты хореографион ансамбль "Сӕрмӕт" ӕстӕм хатт ацыд престижон конкурс "Алые паруса"-мӕ Санкт-Петербургмӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта коллективы аивадон разамонӕг Тедеты Ацӕмӕз.
"Алые паруса"-имӕ мах ӕмархайд кӕнӕм бирӕ азты дӕргъы. Ацы аз нӕ ногӕй фӕхуыдтой конкурсмӕ, уый цӕудзӕн Санкт-Петербурджы 5-ӕй 7-ӕм декабрмӕ. Мах удуӕлдай куыст кӕнӕм, цӕмӕй хъахъхъӕнӕм нӕ республикӕйы кад ӕмӕ равдисӕм иттӕг хорз фӕстиуӕг", - загъта Тедеты Ацӕмӕз.
"Сӕрмӕт"-ы коллектив бавдисдзӕн Санкт-Петербурджы цыппар кафты: "Симд", "Хӕххон", "Чызджыты кафт" ӕмӕ "Хонгӕ".
Ансамбль "Сӕрмӕт" бирӕ хатт уыд алыгъуызон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты лауреат Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазы.