ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты майрӕмбонӕй ракодтой службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ Гуырдзыстоны парламентон ӕвзӕрстыты рӕстӕгмӕ, хъусын кӕны министрады пресс-службӕ.
"Ӕдасдзинад ӕххӕст кӕныны фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ ист цӕуынц, цӕмӕй иуварс ӕрцӕуа ӕндыгъд уавӕр Гуырдзыстоны парламентон ӕвзӕрстыты рӕстӕг", - банысан кодтой уагдоны.
Гуырдзыстоны парламентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 26 октябры. Уый размӕ Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет аскъуыддзаг кодта ӕруромын Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны уадзӕн пунктты куыст октябры кӕронмӕ, цӕмӕй иуварс ӕрцӕуой провокацитӕ.