ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Ларгуисы хъæуы фыццаг хатт ауагътой централон донвæд, фехъусын кодта Sputnik-æн районы администрацийы пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжела.
Хъæуы дæргъвæтин рæстæг нæ уыд нуазыны дон.
"Куыстытæ уыдысты зын сæххæст кæнæн уæззау рельефон уавæрты тыххæй, фæлæ мах цыбыр æмгъуыдмæ сæвæрдтам донифтонгады трубæтæ. Уый фæстæ цæрджытæ сæхи тыхтæй бакæндзысты доны хæххытæ сæ хæдзæрттæм", - хъусын кæны пресс-службæ районы ЦКХ фæткдаруаты директор Хацырты Алексейы ныхæстæ.
Хъæуы цæрынц 10 бинонты бæрц, ныртæккæ уыдонæн фадат уыдзæн сæрибарæй пайда кæнын коммуналон ресурстæй.