ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы территорийыл ивгъуыд къуыри регистраци æрцыд иу фыдракæнд.
Афтæ ма алыгъуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй бæрндзинадмæ æрбаздахтой иу адæймаджы.
"Республикæйы фæндæгтыл иу къуыримæ æрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы, уыдоны фæстиуæгæн буары цæфтæ райстой æртæ адæймаджы", - дзырдæуы министрады пресс-службæйы хъусинаджы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ ацы период сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 257 фæткхалды, дыууæ адæймаджы фæдыл та сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.