СӔО-йы хайадисджытӕ Хуссар Ирӕй хӕрзарӕзт кӕнынц спортивон фӕзуат Дзауы районы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисджытӕ Хуссар Ирыстонӕй отпускы уӕвгӕйӕ хӕрзарӕзт скодтой спортивон фӕзуат Дзауы районы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта районы фӕсивӕдон политикӕйы хайады хистӕр Джиоты Алик.
Дзауы санаторимӕ хӕстӕг стадион ныр ифтонг у ног тренажертӕй.
"Нӕ районӕй хӕстонтӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ балхӕдтой тренажертӕ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдтой стадионы. Уыдоны фӕндыд сӕвӕрын стадионы ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕджытӕ спортӕй архайынӕн", - радзырдта Джиоты Алик.
Хайады хистӕр бузныг загъта СӔО-йы хайадисӕг хӕстонтӕн ӕмӕ сын йӕ зӕрдӕ загъта, цӕмӕй хӕстон архӕйдтытӕн тагъддӕр фӕуой ӕмӕ сӕрыгасӕй ӕрыздӕхой хӕдзармӕ.