Уæрæсейаг æфсæдтæ ссæрибар кодтой цæрæн пункт Цукурино ДАР-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдты къорд "Центр"-ы дæлхайæдтæ ссæрибар кодтой цæрæн пункт Цукурино Донецкы Адæмон Республикæйы, фехъусын кодтой къуырисæры Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады.
"Æфсæдты къорд "Центр"-ы дæлхайæдтæ активон æмæ æнтыстджын архайды руаджы ссæрибар кодтой цæрæн пункт Цукурино Донецкы Адæмон Республикæйы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Украинæйы Гарзджын тыхтæ иу суткæмæ Донецкы здæхтыл фесæфтой 520 æфсæддоны бæрц, дыууæ хæстон бронемашинæйы, æртæ хæдтулгæйы, 152 мм гаубица "МСТА-Б", дыууæ 152 мм хæцæнгарзы Д-20 æмæ дыууæ 122 мм гаубицӕйы Д-30, афтӕ ма израилаг радиолокацион комплекс "ieMHR".
Æдæппæт сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ скуынæг кодтой: 647 хæдтæхæджы, 283 вертолеты, 34 685 æнæпилотон тæхæг аппараты, 584 зенитон-ракетон комплексы, 18 894 танчы æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæты 1480 хæстон хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 16 887 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 27 694 иуӕджы.