Уӕрӕсейаг хӕстонтӕ скуынӕг кодтой Курскы областы УГТ размӕбырсӕг колоннӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik. Сауденджызон флоты пехотӕйы хӕстонтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты (УГТ) колоннӕ, сӕ нымӕцы дыууӕ танчы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Санденджызон флоты пехотӕйы бригадӕйы ӕфсӕддонтӕ дарддӕр ӕнтыстджынӕй куынӕг кӕнынц знаджы Курскы областы. Украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ фӕнд кодтой атакӕ кӕнын уӕрӕсейаг ӕфсӕдты позицитӕ ӕмӕ тохмӕ арвыстой бронемашинӕты колоннӕ, сӕ нымӕцы дыууӕ танчы", - радзырдтой уагдоны.
Разысгарӕн дронты оператортӕ ссардтой колоннӕ ӕмӕ адӕттой координаттӕ командон пунктмӕ. Денджызон пехотӕйы хӕстонтӕ артиллери ӕмӕ дронты ӕххуысӕй скуынӕг кодтой знаджы колоннӕ.