ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет (ХИПУ) 2026 азы бакӕндзӕн ботаникон бӕласдон хӕххон хъӕу Кърозы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта университеты ректор Тедеты Вадим.
"Ацы аз уалдзӕджы мах бафыстам ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Никитӕйы ботаникон бӕласдонимӕ. Уыдон нӕм ӕрцыдысты уалдзӕджы ӕмӕ сӕрды дӕр. Уый дзуры ууыл, ӕмӕ махӕн ис ӕмархайды бирӕ здӕхтытӕ. Нӕ университеты ректорат аскъуыддзаг кодта саразын ботаникон бӕласдон Кърозы хъӕуы, цы ран ХИПУ-йӕн ис зӕххы цыппар гектары", - загъта ректор.
Тедеты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ныридӕгӕн уыдысты фидӕны ботаникон бӕласдоны бынаты Никитайы ботаникон бӕласдоны директор Юрий Плугатаримӕ.
Ректор ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Никитайы ботаникон бӕласдон ӕнӕаргъӕй сараздзӕн Кърозы бӕласдоны проект, афтӕ ма сын ратдзӕн зайӕгойты талатӕ.