РХИ хицауады ӕрдзырдтой 2024 азы Инвестпрограммӕйы реализацийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг инвестицион прогаммӕйы объекттыл нӕй арӕзтадон ӕрмӕджыты дефицит, куыстыты график дӕр фылдӕр бӕрцӕй ӕххӕст цӕуы. Уый тыххӕй дзырдӕуыд республикӕйы премьер-министр Джуссойты Константин ӕмӕ профилон министрӕдты разамонджыты рабадты рӕстӕджы.
"Объекттыл нӕй арӕзтадон ӕрмӕджыты дефицит, куыстыты график дӕр фылдӕр бӕрцӕй ӕххӕст цӕуы. Фӕлӕ хъӕуы аздахын хъусдард цалдӕр фарстмӕ, сӕ нымӕцы хыгъдон документацийы арӕзтад ӕмӕ куыстыты рӕстӕджы сбӕрӕггонд фиппаинӕгтӕ ӕвӕстиатӕй аиуварс кӕныны проблемӕ", - фехъусын кодтой пресс-службӕйы.
Афтӕ ма дзырд цыд Мзиугомы сывӕллӕтты лагерь, фӕндаг "Ерцъо-Синагур", Цхинвалы 13 Коммунары уынгыл хид ӕмӕ ацы азы Инвестпрограммӕйы ӕндӕр объектты арӕзтад балхынцъ кӕныныл.
2024 азы фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын 19 объекты арӕзтад, ноджы ма ӕртӕ та ахиздзысты фидӕн азмӕ.