Гаглойты Алан раарфӕ кодта Владимир Путинӕн Уӕрӕсейы Адӕмон иудзинады боны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн Адӕмон иудзинады боны фӕдыл.
"Ацы бон баст у нысаниуӕгджын историон цаутимӕ ӕмӕ зӕрдыл дары, Уӕрӕсейы паддзахаддзинад кӕй арӕзтой бӕстӕйы адӕмы бирӕ фӕлтӕртӕ. Уыдон ӕвдыстой хъайтардзинад ӕддагон знӕгты ныхмӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Гаглойты Алан банысан кодта, патриотизм алыхатт дӕр кӕй ӕххуыс кодта Уӕрӕсейы адӕмӕн уӕззау рӕстӕджыты, ӕмӕ ныр дӕр у уӕрӕсейаг паддзахаддзинады фидар бындур.
Адӕмон иудзинады бон у Уӕрӕсейы паддзахадон бӕрӕгбон. Уый сфидар кодтой 2005 азы Польшайы интервенцийӕ 1612 азы Мӕскуы ссӕрибар кӕныны цытӕн. Хӕдӕфсад Кузьма Минин ӕмӕ Дмитрий Пожарскийы сӕргълӕудӕй штурмӕй систа Китай-горӕт.