Хуссар Ир хайад райсдзӕн "Стыр этографион диктант"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн Адӕмон иудзинады бонӕн нывонд ӕппӕтуӕрӕсейаг рухстауӕн акци "Стыр этнографион диктант", фехъусын кодтой Уырыссаг хӕдзары Цхинвалы.
Мадзал организаци кӕны нациадты хъуыддӕгты фӕдыл Федералон агентад Уырыссаг хӕдзары ӕххуысӕй. Хуссар Ирыстоны столицӕйы акци ацӕудзӕн 7 ноябры Уырыссаг хӕдзары минӕварады фӕзуатыл Плиты Иссӕйы уынгыл, 17.
"Онлайн-хайадисджытӕн фадат уыдзӕн сдзуапп кӕнын фарстытыл 1-8 ноябры официалон сайтыл www.miretno.ru", - банысан кодтой Уырыссаг хӕдзары Telegram-каналы.
Афтӕ ма хайадисджытӕн фадат уыдзӕн ӕрымысын фарстытӕ, ӕмӕ иууыл цымыдисон ӕмӕ оригинал хӕслӕвӕрдты авторты та схорзӕхджын кӕндзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.