ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны иу къуыримæ æрцыд дыууæ фыдракæнды, фехъусын кодта къуырисæры республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Республикæйы территорийыл ивгъуыд къуыри регистраци æрцыд дыууæ фыдракæнды, уыдонæй иу раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Алыгъуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй милицийы кусджытæ æрцахстой дыууæ адæймаджы", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Фæндæгтыл уавæр
Республикæйы фæндæгтыл ивгъуыд къуыри регистраци æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы.
МХМ банысан кодтой, авариты фæстиуæгæн буары цæфтæ кæй райста иу адæймаг.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ ацы период сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 315 фæткхалды, аст шофыры фæдыл та сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.