ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Тыхдымгӕйы фӕстиуӕгӕн афӕлдӕхтысты электроэнергийы ӕртӕ цӕджындзы Знауыры районы Мугут ӕмӕ Дидмухайы хъӕуты. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн къуырисӕры фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы радгӕсон диспетчер.
"Афӕлдӕхт ӕртӕ бетонон цӕджындзы. Абон сӕ раивдзысты ӕмӕ хъӕуы сцалцӕг кӕндзысты электроэнерги", - загътой уагдоны.
Диспетчеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалы районы электроифтонгад знон сцалцгӕг кодтой цалдӕр бынаты, цы ран афӕлдӕхтысты цӕджындзтӕ.
Электроэнерги нырма нӕй Знауыры районы Аунеу, Принеу, Суадӕттӕ, Мугут ӕмӕ Дидмухайы хъӕуты, афтӕ ма Цхинвалы районы Галуанты хъӕуы.