ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Пассажирон поезд Адлер-Дзæуджыхъæу сæмбæлд контактон хызæджы цæджындзыл Краснодары крайы.
Хуссайраг транспортон прокуратурæйы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй.
"Адлер-Дзæуджыхъæу поезд сæмбæлд контактон хызæджы цæджындзыл Краснодары крайы. Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Туапсейы транспортон прокуратурæ райдыдта басгæрст æфсæнвæндагон транспорты æдас эсплуатацийы закъонад æххæст кæныны фæдыл.