ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ Покровскы здӕхтыл ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Кременная Балка Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР), фехъусын кодта цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Ӕфсӕдты къорд "Центр"-ы дӕлхайӕдты ӕнтыстджын размӕбырстон архӕйдтыты руаджы сӕрибар ӕрцыд цӕрӕн пункт Кременная Балка Донецкы Адӕмон Республикӕйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери ивгъуыд суткӕйы скуынӕг кодтой аэродромон инфраструктурӕйы объекттӕ, дронты ӕвӕрӕн бынӕттӕ, ӕртаг ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты ӕфтауцтӕ, афтӕ ма Украинӕйы Гарзджын тыхты ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ хӕстон техникӕйы лӕууӕн бынӕттӕ.