ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Томайты Аманда. Мидхъуыддӕгты министрад ӕххӕст кӕны фыдракӕндты ныхмӕ мадзӕлттӕ, афтӕ ма хъахъхъӕны ӕхсӕнадон фӕтк. Уый тыххӕй Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) разамонӕг Гуыцмӕзты Алан.
"Ӕндӕр барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ ӕмархайды руаджы мах контроль кӕнӕм оперативон уавӕр республикӕйы. Ацы азы фарвст мӕймӕ ивгъуыд азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ 12% бӕрц фӕкъаддӕр иумӕйаг уголовон здӕхты фыдракӕндты нымӕц", - загъта министр.
Гуыцмӕзты Алан банысан кодта, ацы аз кӕй фӕфылдӕр фыдракӕндтӕ раргом кӕныны процент дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, активон куыст цӕуы наркотиктӕй пайда кӕнын ӕмӕ парахат кӕныны ныхмӕ куыст дӕр
Гуыцмӕзты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы проблемӕ скъуыддзаг кӕныны рӕстӕджы уагдоны кусджытӕн фӕзыны зындзинӕдтӕ.
Гуыцмӕзты Алан
© Sputnik / Natalia Airiyan
"Махмӕ кӕд наркотиктӕ ласынц, уӕд дӕр сын вӕййы чысыл гуырахст. Адӕм бирӕ хатт ацӕуынц тобӕгонд буарадтӕй пайда кӕнынмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ, стӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхынц. Нӕ бон сӕ фӕндагыл куы уаид сбӕрӕг кӕнын, уӕд тӕрсдзысты ӕмӕ нал цӕудзысты – уый тыххӕй нӕ хъӕуы змӕлгӕ лаборатори", - банысан кодта министр.
Уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, ахӕм лабораторийы руаджы министрады кусджытӕ ацы здӕхты куыстаиккой бирӕ хуыздӕр.