Хуссар Иры таможнӕйон комитет ранӕуӕг кӕндзӕн кадртӕ 2025 азы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны таможнӕйон комитет 2025 азы фӕнд кӕны райсын куыстмӕ ӕвзонг специалистты, хистӕр кары кусджытӕ пенсийы куы ацӕуой, уӕд. Уый тыххӕй брифингы рӕстӕджы радзырдта комитеты разамонӕг Цоциты Александр.
"Махмӕ ис стыр кадрон резерв, уыдон райстой профессионалон ахуырад Уӕрӕсейы Федерацийы. Мах фӕнд кӕнӕм 2025 азы райсын куыстмӕ ӕвзонг специалистты, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной размӕ кӕнын таможнӕйон службӕ", - загъта Цоциты Александр.
Комитеты сӕргълӕууӕг банысан кодта, коллектив ранӕуӕг кӕныны фарст баст кӕй у кусджыты пенсион ифтонгадимӕ.
"Стыр проблемӕ нын ис, уымӕн ӕмӕ таможнӕйон комитеты кусджыты пенсион ифтонгады фӕдыл бадзырд разыдзинад нырма нӕ райста Уӕрӕсейы Федерацийы. Уый фӕдыл махӕн нӕ бон нӕу арвитын куыстӕй пенсийы кары цы 33 инспекторы ис, уыдоны", - бафтыдта комитеты разамонӕг.
Цоциты Александр