ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ иу ӕхсӕвмӕ скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы цыппар регионы, фехъусын кодта Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй: ӕхсӕз ӕрыппӕрстой Воронежы областы территорийыл, ноджы ӕхсӕз – Саратовы областы, цыппар дроны ӕрыппӕрстой Белгороды областы ӕмӕ иу та Брянскы областы территорийыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.