ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Абхазы Уӕрӕсеимӕ инвестициты фӕдыл бадзырды ратификацийы ныхмӕ дзурӕг 200 ӕмбӕстаджы бӕрц сӕхгӕдтой ӕртӕ хиды Сухуммӕ бацӕуӕны, хъусын кӕны дыццӕджы РИА Новости.
Абхазы ӕндыгъд уавӕр фӕзынд знон протесты цыппар хайадисӕджы ӕрцахсыны фӕдыл, уыдон азымджын кодтой парламенты депутаттӕм бабырсты. Фӕстӕдӕр ӕрцахстой ноджы дыууӕ адӕймаджы.
Парламенты депутат Беслан Эмурхба ӕмӕ Очамчырайы районы сӕргълӕууӕг Беслан Бигвава дзырд куы радтой адӕмы рӕстӕгмӕдарӕн изоляторӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй, уӕд митинггӕнджытӕ бакодтой Кодораг хид.