ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Цхинвалы миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруаты кусджытæ ивгъуыд къуыри сбæрæг кодтой миграцион закъонады æртæ фехæлды, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Фехæлдтæ сбæрæг кодтой рейдты рæстæджы – милицийы кусджытæ басгæрстой рейдон мадзæлтты рæстæджы 29 фæсарæйнаг æмбæстаджы 10 цæрæн бынаты.
"Басгæрсты рæстæджы бæрæг æрцыд миграцион закъонады æртæ фехæлды. Фæткхæлджытæн снысан кодтой административон ивартæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруат йæ цæст дары мигрантты уæвынадмæ республикæйы.