ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады фадыгонтӕ райдыдтой уадзын рейдтӕ, цӕмӕй ӕфснайд ӕрцӕуа бырон горӕты тротуартыл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фадыгонтӕ бафӕдзӕхсынц административон бӕрндзинады тыххӕй арӕзтадон ӕмӕ цардуагон бырон кӕй хӕдзӕртты раз баййафынц, уыцы ӕмбӕстӕгты. Бырон бафснайынӕн инспектортӕ рахицӕн кӕнынц 10 боны, уый фӕстӕ ӕмбӕстагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар, радзырдтой министрады.
"Бирӕ хатт адӕммӕ фӕкӕсы, сӕ сыхаг сыл кӕй бахъаст кодта быроны тыххӕй ӕмӕ саразынц конфликтон ситуацитӕ. Иу боны дӕргъы бырон ӕвӕстиатӕй чи бафснайы, ахӕм ӕмбӕстӕгтӕ дӕр нӕм бирӕ ис", - загъта милицийы кусӕг Чилӕхсаты Зелим.
Милицийы кусджытӕ ма сӕ цӕст дарынц тротуартыл транспорты ӕнӕраст парковкӕмӕ.