Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ ссæрибар Кодтой Новоалексеевка ДАР-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдты къорд "Центр"-ы дæлхайæдтæ ссæрибар кодтой цæрæн пункт Новоалексеевка Донецкы Адæмон Республикæйы (ДАР), фехъусын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады.
"Уæрæсейаг æфсæдты къорд "Центр"-ы дæлхайæдтæ активон архайды руаджы ссæрибар кодтой цæрæн пункт Новоалексеевка Донецкы Адæмон Республикæйы", - банысан кодтой министрады.
Украинæйы Гарзджын тыхтæ ацы здæхтыл иу суткæмæ фесæфтой: 500 æфсæддоны бæрц, бронетранспортер М112 æмæ америкæйаг 150-мм гаубицæ М-777, пикап, польшæйаг 155-мм артиллерион хæцæнгарз Krab, дыууæ 152-мм хæцæнгарзы Д-20, 122-мм артиллерион хæцæнгарз "Гвоздика", дыууæ 122-мм гаубицæ Д-30 æмæ танкты ныхмæ дыууæ 100-мм пушкæ "Рапира".
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ бацахстой хуыздӕр позицитӕ Запорожаг здӕхтыл