Цхинвалы уынгты райдыдтой ӕфснайын арӕзтадон ӕрмӕджытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 ноя – Sputnik. Цхинвалы уынгты райдыдтой ӕфснайын цӕрджытӕ ӕнӕзакъонӕй цы арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ныууагътой, уыдон.
Куыстытӕ уагъд цӕуынц администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Аланы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Горӕты цӕрджыты развӕлгъау бафӕдзӕхстой, цӕмӕй бафснайой арӕзтадон ӕрмӕджытӕ, кӕннод сӕ ласын райдайдзысты коммуналон службӕтӕ.
Ӕфснайыны куыстытӕ райдыдтой 8 Июны уынгыл администрацийы сӕргълӕууӕджы хъусдарды бын.

"Цӕрджытӕ хъуамӕ ӕмбарой, фӕндӕгтӕ ӕмӕ тротуартӕ кӕй сты горӕты территори. Кӕцыдӕр бынӕтты тротуартӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕхгӕд сты хуырӕй, уый фӕдыл фистӕг бӕлццонты бахъӕуы рахизын фӕндагмӕ", - хъусын кӕны Гӕбӕраты Аланы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Ӕфснайыны куыстытӕ уадздзысты ӕнӕхъӕн горӕты.