УФ Паддзахадон Думӕ ратификаци скодта РХИ-имӕ бадзырд ӕфсӕддон-техникон ӕмгуыстады фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕ пленарон рабадтыл райста закъон Хуссар Ирыстонимӕ ӕфсӕддон-техникон ӕмгуыстады бадзырды ратификацийы фӕдыл.
Закъоны проект Паддзахадон Думӕмӕ бахаста Уӕрӕсейы президент Владимир Путин.
Закъонмӕ гӕсгӕ ратификаци ӕрцӕдзӕн Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ӕфсӕддон-техникон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. Уыцы бадзырд бафыстой Цхинвалы 2023 азы 23 августы.
Бадзырд здӕхт у ӕмгуыстад фӕуӕрӕхдӕр кӕнынмӕ ӕфсӕддон-техникон къабазы.