ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Италийы Мауро Мурджа ссис Беслæны кадджын гражданин, хъусын кæны РИА Новости.
Хорзæхджын кæныны церемони ацыдис Уæрæсейы минæварады Ромы. Цалдæр мæйы размæ Мурджа сорганизаци кодта 20 политикон архайæджы `рцыд Беслæнмæ, трагедийы 20 азы бонмæ. Уымæй уæлдай ахъаз кодта Беслæн æмæ Градарайы `хсæн æфсымæрон ахастытæ сфидар кæнынæн.