ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik. Абхазы президенты рагагъоммæ æвзæрстытæ ацæудзысты иннæ аз 15 февралы. Ахæм уынаффæ рахастæуыд абон республикæйы парламенты сессийы. Закъонмæ гæсгæ, паддзахады сæргълæууæг йæ бынат куы суæгъд кæна, уымæй хъæлæскæнынад снысан кæныны онг фынддæс бонæй фылдæр ма хъуамæ рацæуа, ног æвзæрстытæ та хъуамæ ацæуой æртæ мæйы дæргъы.
Абхазы Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдар Дмитрий Маршан куыд загъта, афтæмæй фыццаг туры кандидаттæй иу дæр хъæлæсты 50 процентæй фылдæр куы нæ райса, уæд дыууæ къуырийы фæстæ ацæудзæн æвзæрстыты дыккаг тур.