Дзæуджыхъæуы аэропорт скуыста хуымæтæг режимы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik. Тыхджын митуарды аххосæй аэропорт "Дзæуджыхъæу"-ы бахъуыд райсомы рейстæ аргъæвын – Мæскуы æмæ Бакумæ. Ныр боныхъæд дæтты хуымæтæг режимы кусыны фадат.
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дыккаг бон уары мит. Ахæм боныхъæд ис Цæгат Кавказы федералон зылдæн йæ фылдæр хайы: Цæцæн, Дагестан, Мæхъхъæлы. Фæлæ синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй майрæмбонæй фехъарм уыдзæн.