ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik. Тыхджын митуарды аххосæй Къуаисайы ныр дыккаг суткæ нæй рухс. Сæ куыст æрурæдтой скъола, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ рынчындон, хъусын кæны информацион агентад "Рес".
Æнæ электроэнергийæ баззадысты Дзауы, Цхинвалы æмæ Знауыры районты иуæй-иу хъæутæ дæр. "Энергоресурс"-ы кусджытæ архайынц, электрон хæххытæ кæм бахъыгдард сты, уыцы бынæттæ ссарыныл.