Ӕвзонг спортсментӕ Хуссар Ирӕй ӕнтыстджын архайд скодтой тхэквондойӕ турниры Шахтыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсментӕ ӕнтыстджын архайд скодтой тхэквондойӕ ерысты горӕт Шахтыйы, фехъусын кодта республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
"Ерысты хайад райстой 400 спортсмены бӕрц. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ равдыстой ӕнтыстджын тохтӕ", - радзырдта спортсменты тренер Гуыцмӕзты Валерий.
Комитет куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ерысты фыццаг бынӕттӕ бацахстой Хуыбиаты Анастасия ӕмӕ Чехойты Алеся, дыккаг бынатыл та ацыд Хъотайты Ирина. Ноджы ма дӕс портсмены та рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ – Плиты Ирина, Бететы Амина, Къацты Давид, Плиты Ӕхсӕртӕг, Харебаты Инга, Цхуырбаты Валерия, Пӕррӕстаты Елизавета, Гӕззаты Артур, Гасситы София ӕмӕ Гуыззыттаты Бимболат.
Ӕвзонг спортсментӕ Хуссар Ирӕй ӕнтыстджын архайд скодтой тхэквондойӕ турниры Шахтыйы