ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) фæнд кæны баххуыс кæнын хуссарирыстойнаг коллегæтæн ног сæрмагонд техникæйæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы УУМ пресс-службæ дыууæ бæстæйы уагдæтты сæргълæуджыты фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ.
Министртæ Александр Куренков æмæ Гассеты Ибрагим æрдзырдтой æмгуыстады актуалон фарстытл фембæлды рæстæджы Мæскуыйы.
Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) фæнд кæны баххуыс кæнын хуссарирыстойнаг коллегæтæн ног сæрмагонд техникæйæ
"Уæрæсейы УУМ гом у пайдаджын æмгуыстадæн. Уагдон йæхирдыгæй цæттæ у бакæнын æнæмæнгхъæугæ æххуыс", - загъта Александр Куренков.
Хуссар Ирыстоны УУМ сæргълæууæг Гассеты Ибрагим банысан кодта егъау прогресс дыууæварсон æмгуыстады.