РХИ Нацбанк æрсидт амалиуæггæнджытæм, цæмæй баиу кæной базарадон эквайринг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Республикæйы амалиуæггæнджытæн сæ бон у баиу кæнын базарадон эквайринг, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Национ банчы пресс-службæ.
"Нацбанкæй фиддонтæн терминалтæ исынц МИР картæты алы хуызтæ, уый хорз уыдзæн куыд æлхæнджытæн, афтæ амалиуæггæнджытæн дæр", - банысан кодтой банчы.
Уый размæ РХИ Нацбанчы сæргълæууæг Бекъойты Сослан фехъусын кодта Sputnik-æн, МИР картæтæ кæй ис республикæйы паддзахадон уагдæтты кусджыты 40 проценты.