Скъоладзаутӕн январӕй уыдзӕн ног чиныг Хуссар Иры историйы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik. Республикӕйы скъолаты Хуссар Ирыстоны историйы фӕдыл ног чингуытӕй райдайдзысты ахуыр кӕнын январӕй, фехъусын кодта ахуырад ӕмӕ зонады министрады пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны историйы чиныг 10-11 кълӕсты ахуырдзаутӕн ныридӕгӕн радтой мыхуырмӕ.
"Чиныгӕн рауадздзысты 1400 эксземпляры. Йӕ мидӕг уыдзӕн атлас Ирыстоны картӕтимӕ. Чиныг райста педагогон ӕмӕ зонадон рецензи, афтӕ ма йӕ хорзыл банымадта ахуырад ӕмӕ зонады министрады дӕлбар экспертон совет", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Чиныгыл куыстой РХИ Зонад-иртасӕн институты авторты коллектив, сӕ нымӕцы: Гаглойты Роберт, Гаглойты Юрий, Джиоты Мурӕт, Пухаты Къоста, Гаглойты Ирина.
Бӕрнон редактор у профессор, историон зонӕдты доктор Бзарты Руслан.