ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банк фӕнд кӕны сӕвӕрын Цхинвалы дыууӕ ног банкоматы – горӕты администраци ӕмӕ ХИПУ-йы, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы банчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан.
"Цхинвалы администрацийы районы вӕййы бирӕ адӕм. Администрацийы ис бирӕнымӕц кусджытӕ, афтӕ ма уырдӕм ӕрбацӕуынц алыгъуызон справкӕтӕ райсынмӕ. Уый фӕдыл мах аскъуыддзаг кодтам сӕвӕрын уым банкомат. Афтӕ ма мах сӕвӕрдзыстӕм банкомат ХИПУ-йы, цы ран нӕ клиенттӕй 600 бӕрц рахиздзысты картӕты системӕмӕ – уыдон сты университеты ахуыргӕнджытӕ, техникон персонал ӕмӕ студенттӕ", - загъта Бекъойты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы ноджы иу банкомат фӕнд кӕнынц сӕвӕрын горӕт Къуайсайы.