ЦХИНВАЛ, 6 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны райста закъон æфсæддон-техникон æмгуыстады бадзырд Уæрæеимæ сратификаци кæныны фæдыл.
Бадзырд бафыстой Цхинвалы 2023 азы 23 августы.
Бадзырд здæхт у паддзахæдты æхсæн æфсæддон-техникон æмгуыстад фæуæрæхдæр кæнынмæ.
Уый размæ бадзырды ратификацийы фæдыл закъон бафыста Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин.