ЦХИНВАЛ, 6 дек - Sputnik. Монголийы столицæйы бакодтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, æфсады инæлар Плиты Иссæйæн. Уый тыххæй хъусын кæны Плиты Иссæйы номыл Полчы пресс-службæ.
Цырт бакæныны церемони ацыд Плиты Иссæйы ном хæссæг 49-æм скъолайы территорийы.
Цырты арæзтад реализаци æрцыд Ирыстонæй рацæугæ, отставкæйы булкъон Битаты Валерий æмæ Уæрæсейы генералон прокуроры хæдивæг Валерий Петровы финансон æххуысы руаджы.