ЦХИНВАЛ, 6 дек - Sputnik. Ядерон цӕфыл ныхӕстӕ сты ядерон катастрофӕмӕ ӕрхуынд, загъта Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Сергей Лавров йӕ интервьюйы журналист Такер Карлсонӕн, хъусын кӕны РИА Новости.
"Ӕрӕджы АИШ-ы национ ӕдасдзинады советы стратегион коммуникациты фӕдыл координатор Джон Кирби радзырдта, америкӕйӕгты кӕй нӕ фӕнды эскалаци, уымӕн ӕмӕ ядерон цӕфты рӕстӕджы зиан баййафдзысты сӕ европӕйаг цӕдисонтӕ", - загъта министр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тынг тӕссаг у ахӕм уавӕр, ядерон цӕфтыл ныхӕстӕ та сты ӕрхуынд катастрофӕмӕ, ӕмӕ мах та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ фӕнды.