Хуссар Иры ахуыргӕндтӕ бавдисдзысты сӕ докладтӕ лингвистты Евразиаг конгрессы Мӕскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасӕн институты кусджытӕ Битарты Зоя ӕмӕ Козаты Гульнара хайад исынц лингвистты фыццаг Евразиаг конкрессы Мӕскуыйы. Уыдон бавдисдзысты дыууӕ доклады. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik-ӕн Зонад-иртасӕн институты хистӕр кусӕг Козаты Гульнара.

"Битарты Зояимӕ мах бацӕттӕ кодтам дыууӕ доклады ирон ӕвзаджы фӕдыл: "Республикӕ Хуссар Ирыстоны ирон ӕвзаджы ревитализаци ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын рауӕрӕхдӕр кӕныны фӕдыл мадзӕлттӕ" ӕмӕ "Вариативондзинад ирон ӕвзаджы", - радзырдта Козаты Гульнара.

Конгресс нывонд у РАН-ы ӕвзагзонынады Институты 300 азы юбилейӕн.