ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл ивгъуыд къуыри регистраци æрцыд иу фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Авариты фæстиуæгæн иу адæймаг райста буары цæфтæ.
Паддзахадон автоинспекцийы рейдты рæстæджы сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 279 фæткхæлды. Дыууæ шофыры æрцахстой нозтджынæй, ноджы фондз та не сразы сты рацæуын медицинон басгæрст, уый дæр нымад цæуы административон фæткхæлдыл.
Алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй милицийы кусджытæ æрцахстой цыппар адæймаджы.
Республикæйы территорийыл иу къуыримæ фыдракæндтæ не срегистраци кодтой, бафтыдтой уагдоны.